Мадина

Мои победители Добавить комментарий   

Уырымты Петя

«МÆДИНÆ»

 

 

Уарын банцадхур  йæхи  куы найы.

Кауы сæрты сыхæгтæм кæсын,

Кæдмыййагйæ рæсугъд цъæх къабайы

Искæцæй Мæдинæ дæр фæзынд.

 

  Тутайы бын ме’мбал чызг нæ разынд,

  Афонмæ та фехъусин йæ зард,

  Дымгæ йын йæ сау дзыккутæ фасид,

  Æз кæнын æнæ Мæди æнкъард.

 

  Базыртæ кæд бафтауид мæ циныл

  Фæлæ ныр мæ зæрдæйæн у зын

  Горæтмæ, дам, ацыди Мæдинæ,

  Æмæ æз мæхимидæг тыхсын.

 

  Тутатæ кæмæн уидзон– нæ зонын

  Цæйкæм дæкæм дæрæсугъд Мæди,

  Дидинджытæ быдыры нæ тонын,

  Тагъддæр мæм рæсугъдМæдифæзын.

Мама, милая мама...

Мои победители Добавить комментарий   

 

Цæгæраты Гиго.

«Куыд зынаргъ дæ, ныййарæг».

 

Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у,

Æмæ йæм фæлмæн ныхасæй дзурут.

Макуы ракæс тар æрфыгæй мадмæ,

Уый рахаста амондау дæу цардмæ.

Мады къух бæркад æмæ рæдау у,

Æмæ йæ сывæллонау рæвдаут.

Мады арм йæ хъæбулæн фæндаг у,

Æмæ дзы ды макуы цу фæдагур.

Мады кастæй цъититæ дæр тайынц,

Уый къахвæдтыл дидинæг дæр зайы.

Мадæн макуы, макуы скъах йæ зæрдæ,

Зон æй: уым дæхæдæг дæр æвæрд дæ.

 

Мады хъæбыс сабийæн хæдзар у,

Уым рæзынц йæ ныфс æмæ йæ хъару.

Мадæлтæн хуыздæр дзырдтæ æвзарут,

Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут.

Администрация сайта не несёт ответственности за размещаемый пользователями контент.