Январь
09
Уырымты Петя
«МÆДИНÆ»
Уарын банцад, хур йæхи куы найы.
Кауы сæрты сыхæгтæм кæсын,
Кæд, мыййаг, йæ рæсугъд цъæх къабайы
Искæцæй Мæдинæ дæр фæзынд.
Тутайы бын ме’мбал чызг нæ разынд,
Афонмæ та фехъусин йæ зард,
Дымгæ йын йæ сау дзыккутæ фасид,
Æз кæнын æнæ Мæди æнкъард.
Базыртæ кæд бафтауид мæ циныл,
Фæлæ ныр мæ зæрдæйæн у зын,
Горæтмæ, дам, ацыди Мæдинæ,
Æмæ æз мæхимидæг тыхсын.
Тутатæ кæмæн уидзон– нæ зонын,
Цæй, кæм дæ, кæм дæ, рæсугъд Мæди,
Дидинджытæ быдыры нæ тонын,
Тагъддæр мæм рæсугъд, Мæди, фæзын.