VНаучная конференция учащихся ФНПУ СОГПИ
«По ступенькам науки – в будущее!»
Направление: филологическое
ЗÆРВАТЫЧЧЫ ФÆЛГОНЦ ФОЛЬКЛОР ÆМÆ ЛИТЕРАТУРÆЙЫ
Автор работы
Пухова Екатерина
школа «Диалог»
Научный руководитель
Колхидова Э.М., учитель осетинского языка и литературы
Владикавказ
Сæргонд
Разныхас
I сæр.Зæрватыччы æрдзон миниуджыты нывæфтыд фольклор æмæ аив литературæйы 5
1.1.Фæлгонцы æмбарынад æмæ йæ хуызтæ 5
1.2.Зæрватыччы фæлгонц фольклоры къаннæг жанрты æмæ аив литературæйы 6
II сæр. Зæрватыччы фæлгонц ирон фольклор æмæ литературæйы жанрты 10
2.1. Фыццаг таурæгътæ зæрватыччы тыххæй 10
2.2. Зæрватыкк – нæртон адæмы уарзон маргъ 11
Кæронбæттæн 4
Библиографи 5
Разныхас
Хъæздыг æмæ бирæвæрсыг у ирон адæмон сфæлдыстад. Ис дзы æмбисонды мифтæ æмæ Нарты эпос, диссаджы аргъæуттæ æмæ куырыхон таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Уыдон иртасгæйæ, мах базонæм нæ фыдæлты цард, сæ уаг æмæ сæ зондахаст.
Фольклоры уацмысты архайджытæ вæййынц æрмæст адæм æмæ Хуыцæуттæ нæ, фæлæ сырдтæ, мæргътæ, æрдз æнæхъæнæй дæр. Фыццагон адæймаг æвæрæз уыдис. Æрдзы фæзындтæн æмæ цæрæгойтæн сæ фылдæр уыдысты уымæй тыхджындæр, уымæ гæсгæ сын сæ конды агуырдта уæлæрдзон тыхтæ, æнхъæлдта сæ удджын æмæ зонаг. Фæндыд æй сæ бамбарын, сæ базонын. Æмæ йæ фæндтæй æвзæрди мифтæ. Зæхх æмæ арвыл цыдæриддæр уыдта, уыдон иууылдæр систы мифты дзуринаг. Афтæ адæймаджы зонд æмæ фантази сфæлдыста диссаджы фæлгонцтæ. Уыдоны зыны нæ рагфыдæлты уырнынад æмæ мифологон зондахаст, æгъдау æмæ йемæ баст аивад.
Актуалондзинад.Фольклор æмæ аив литературæ сты царды скъола, зыны дзы нæ адæмы царды уаг, йæ миддуне, æрдз æмæ адæймаджы иудзинад. Фольклор æмæ аив литературæйы уацмыстæ ахъаз сты æрдзмæ аудындзинад хъомыл кæнынæн. Ацы æмæ æндæр фарстатæ иртасынмæ стыр æргом здахынц ахуыргæндтæ.
Нæ иртасæн куысты æнцой кæнæм Джыккайты Шамилы монографийы «Рагон ирон цард æмæ адæмы зондахаст. Миф. Фольклор. Æгъдау» фыццаг хайыл «Алæмæт цæрæгойтæ æмæ сæ мифон фæлгонцтæ». Шамилы хъуыдымæ гæсгæ, зæрватыкк, иннæ мæргътæй уæлдай, æввахсдæр у ирон адæймагмæ, баст у хæдзары фарнимæ.
Нæ куыст цымыдисаг у уымæй, æмæ мах æргом кæнæм уыцы талас ахасты поэтикон ратæдзæн æмæ йæ дарддæры нывæфтыд аивадон уацмысты, сæрмагондæй та нырыккон ирон литературæйы.
Иртасæнкуысты объект: ирон фольклор æмæ аив литературæ.
Куысты предмет: зæрватыччы фæлгонц ирон фольклор æмæ аив литературæйы.
Куысты нысан: сбæрæг кæнын зæрватыччы фæлгонцы символон нысаниуджытæ ирон фольклор æмæ аив литературæйы.
Гипотезæ: ирон литературæйы нывæфтыд æрцыдысты зæрватыччы фæлгонцы фольклорон æууæлтæ.
Нæ иртасæн куысты нысан сæххæст кæнын æмæ гипотезæ бафидар кæныны тыххæй сæххæст кæнын хъуыди ахæм хæстæ:
1) райсын фæлгонцы тыххæй райдиан зонындзинæдтæ;
2) сбæрæг кæнын æмæ бакæсын, зæрватыччы фæлгонц æвдыст кæм цæуы, ахæм фольклорон æмæ аив литературон уацмыстæ;
3) æрфыссын зæрватыччы æрдзон миниуджытæ ирон фольклор æмæ аив литературæйы;
4) раиртасын зæрватыччы фæлгонцы иумæйаг æууæлтæ бæрæггонд жанрты;
5) сбæрæг кæнын зæрватыччы фæлгонцы хицæндзинæдтæ ирон фольклор æмæ аив литературæйы.
Иртасæн куыст кæнгæйæ мах спайда кодтам ахæмметодтæй: фольклор æмæ литературон уацмысты анализ, абарст, синтез.
Иртасæн куысты структурæ. Нæ иртасæн куыст арæзт у ахæм хæйттæй: разныхас, сæйраг хай, кæронбæттæн æмæ библиографи.
Iсæр.Зæрватыччы æрдзон миниуджыты нывæфтыд фольклор æмæ аив литературæйы
1.1.Фæлгонцы æмбарынад æмæ йæ хуызтæ
«Литературæзонынады терминты цыбыр дзырдуат» амоны: «Фæлгонц (уырыссагау-образ аив литературæйы) у адæймаджы царды æмæ миддунейы ныв скæнын аив уацмысы, стæй ноджы æрдзы æмæ æхсæнады нывтæ. Фыссæг … йæ фæлгонцты руаджы равдисы, цардмæ, адæймагмæ, æрдзмæ цы зæрдæ дары, уыдæттæ [9,146ф.]. Фыссæг царды нывтæ æвдисы фæлгонцты руаджы. Цæмæй фæлгонц æххæст уа, уый тыххæй йын фыссæг дæтты йæ сурæт, йæ характеры æууæлтæ, йæ ахастытæ иннæ персонажтимæ, йæ ныхасы хъæд, йæ зондахаст æмæ йæ митæ. Уыдон хынцгæйæ, хицæн кæнæм æвæрццæг æмæ æппæрццæг фæлгонцтæ.
Хъæздыг у адæмон сфæлдыстады фæлгонцты дуне. Уыдонæй бирæтæ хаст æрцыдысты ирон аив литературæмæ. Фыссæг фæлтæры адæмон фæлгонцы æууæлтæ, хæссы йæм хи ивддзинæдтæ æмæ дзы рауайы литературон фæлгонц. Арæх литературон æмæ фольклорон фæлгонцтæ свæййынц символон фæлгонцтæ— фæсномыгæй исты арф хъуыды кæм вæййы, ахæм фæлгонц. Зæгъæм, бæлон бирæ адæмтæм у сæрибардзинады символ, ирон адæммæ саг — æнæниздзинады символ, мæлдзыг — куыстуарзаг æмæ хæдзардзины символ.
Мифты æмæ эпосы алæмæт фæлгонцтæй иу у зæрватыкк. Мæргъты мыггагæй ирон фольклоры æппæты стырдæр кад уымæн ис.Таурæгъты æмæ аргъæутты архайынц бирæ базырджынтæ: бæлон, цæргæс, халон, сырддонцъиу, дзывылдар.Фæлæ фольклорон сюжетты сæйраг архайæг у зæрватыкк.
1.2. Зæрватыччы фæлгонц фольклоры къаннæг жанрты æмæ литературæйы
Цæгат Ирыстоны цæры зæрватыччыты æртæ хуызы: хъæууон (деревенская), хæххон (скалистая) æмæ донбылтыл цæрæг (береговая) [6,144ф.]. Æппæтæй арæхдæр æмбæлы хъæууон хуыз. Æртæхынц нæм зæрватыччытæ хуымгæнæны мæйы, хъарм бæстæм та атæхынц рухæны мæйы кæрон. Арæх æрыздæхынц сæ раздæры ахстæттæм.
Цыбырты Людвиг афтæ амоны: «Из семейства пернатых, не прирученных человеком, самое благоговейное отношение к себе вызывала ласточка. В представлениях древних ласточка— спасительница людей; она у осетин даже очеловечена, наделена разумом, волей, чувствами, речью» [14,161ф.].
Зæрватыччытæ сты рæсугъд, хæрзконд, цырд. Арæхдæр ын адæмон сфæлдыстады лæвæрд цæуы эпитеттæ «урсдæллагхъуыр», «саджилдымæг», «саувадыг», «гыццыл», «хъæлдзæг», «уарзон». Тынг цырд кæй у, ууыл дзуры уыциу-уыциу:
Ам - цъыкк,
Уым – цъыкк,
Цæразоны æфцæгыл
Æртæ цъыччы.
Сæ ахстæттæ кæнынц хæдзæртты къултыл, сарайы бын, рудзгуыты сæрмæ:
«Нæ йæм фæрæт æмæ хырх вæййы, нæ – дзæбуг æмæ аркъау, афтæмæй уæладзыг хæдзæрттæ аразы» (зæрватыкк).
Зæрватыччы фæзынд адæм бæттынц уалдзæджы æрцыдимæ. Йæ зард, йæ цъыбар – цъыбур хæссынц циндзинад, сты ныфсы хос. Ууыл дзуры Нигер йе ‘мдзæвгæ «Зæрватыкк»- ы:
Ратæх, зæрватыкк, ныллæгдæр.
Азар фисынæй дæ зарæг.
Уалдзæг нæм фæци хæстæгдæр.
Зæрдæ нал агуры хъарæг.
Ды куы фæзыныс нæ бæсты,
Уæд мæ тыхст зæрдæ ныххуды…
Поэт уалдзæджы фидиуæджы хоны «мæ ныфс», «мæ дарæг». Йæ зарæг та йын у «тыхдæттæг».
Зæрватыкк «хъæлдзæг» зарæггæнæг кæй у, ууыл дзуры йæ номы равзæрд дæр. Абайты Васомæ гæсгæ, дзырд «zær- fatug» амоны «щебетунья птичка» [1, 305 ф.].
Зæрватыччы æхцон зарæджы мыртæ фæлхатгонд цæуынц адæмон зарджыты æмæ хъæзтыты. Зæгъæм, «Куыд зары зæрватыкк?» - ы:
Цъыбар – цъыбур, цъыри – уыри!
Уæ – ри –и, цъыри – мыри, ситт!
Лæгау – лæг — иудзырдон,
Уæздан ус — иузæрдон.
Кæд мæнг зæгъын,
Уæд куыройы æргъæсчъы
Мæ иунæг сæрæн — цъист!..
«Согласно народной примете, если ласточка строит своë гнездо в доме – это к счастью, а если она избегает семью – к несчастью. Так же, как и у других народов, весною, когда наступало время прилëта ласточек, абхазы ставили во дворе скамейку и клали на неë подушку, как бы ожидая самого желанного гостя. Такое же благоговейное отношение к ласточке у многих других народов Кавказа и за его пределами»,- фыссы Цыбырты Людвиг [14,162 ф.].
Ирон хæдзары–иу бирæ æфсинтæ æртæ чъирийы скодтой, уалдзæджы-иу хæдзармæ куы æрбатахт, уæд. Стыр тæригъæдыл нымад уыд раздæр зæрватыччы амарын, йæ ахстон ын фехалын. Абон дæр ирон адæм сывæллæтты фæдзæхсынц: «Зæрватыччы ахстон ма халут, науæд уæ къухтыл бызычъитæ æрзайдзæн».
Зæрватыччытæ сты æнувыд «ныййарджытæ». Гыццыл цъиутæ сын куы фæзыны, уæд сæ хъахъхъæнынц, хæринаг сын скъæфынц.Уый тыххæй фыссы Кучиты Владимир йе ‘мдзæвгæ «Зæрватыкк»-ы:
Уæлæ нæ цары
Зарджытæ зары
Хъæлдзæг зæрватыкк,
Ахстоны дуарæй
Лæппынтæн дары
Буцæй хæринаг.
Бирæ сæ уарзы,
Семæ фæхъазы
Урсхъуыр зæрватыкк…
Уæлдæр цы æууæлтыл æрдзырдтам, уыдон зынынц æмбисæндты дæр: «Зæрватыкк хæдзары адæмимæ цæры», «Зæрватыкк йæ лæппынтæн й’ ахстоны фарсмæ зарджытæ фæкæны», «Адæмлымæн, саджилдымæг зæрватыкк», «Зæрватыкк — адæмæн уарзон» [7,302ф.].
Зæрватыкк тынг æнувыд кæй у йæ лæппынтыл, уый нын равдыста Гæдиаты Секъа йæ цыбыр радзырд «Зæрватыкк»-ы. «Зæрватыкк боныцъæхæй тар изæрмæ æнцад нæ лæууыд, йæ лæппынтæн къогъотæ, бындзытæ хаста; иу дзырдæй, зæрватыкк дунеты амондджынтæй йæхи амондджындæр хуыдта æмæ афтæ зæрдиагæй йæ лæппынтæн уый тыххæй куыста»[3,464ф.]. Фæлæ сауджын, иннæ адæмæй уæлдай, «бирæгъ» разынд, «мæгуыр зæрватыччы» ахстон ракалдта, йæ лæппынты та йын къанаумæ аппæрста. Цъиуы мæгуырдзинадæй адæймаджы зæрдæ ныккæрзы. Йæ катай, йæ рис агайынц авторы, маргъы хъуырдухæн нын нæ цæстытыл ауайын кæны: «бон-изæрмæ йæ лæппынты алыварс цъилау фæзылд», «куы-иу бæласыл абадт æмæ та сæм-иу йæхи цæппæрста», «куы-иу фырмæстæй æрбайсæфт», «æмæ-иу мæстæй катайгæнгæ аленчытæ кодта». Нæ бафæрæзта зæрватыччы уарзæгой зæрдæ сауджыны фыддзинадæн, «лæппынты уæлæ сæ мад дæр амард». Секъа уайдзæф кæны адæмæн, йæхицæн, æнæмаст цъиуы æнæ æххуысæй кæй ныууагътой, уый тыххæй.
Цымыдисаг у зæрватыччыты æнгомдзинад. Сæ ахстон сын æндæр маргъ куы бацахсы, кæнæ сын сæ лæппынтæм гæды куы фæбыры, уæд æнæхъæн стыг æрæмбырд вæййы. Æмвæндæй йыл сæхи цæвынц æмæ йæ тæрынц. Джыккайты Шамил йæ цыбыр уацмысы «Зæрватыччытæ» нывæфтыд кæны ахæм цау. Рудзынджы гом цæсты бады бур гæды æмæ, уæлрудзынг цы ахстон ис, уымæ сæвнал – сæвнал кæны. «Бæстыл зæрватыккæй цы ис – иууылдæр ам сты… сæхи йыл баскъæрынц…Гæды йæхи амбæхсы, фæлæ йæ кæнон нæ уадзы…Уæд иу бал ныцъцъæхахст кодта, уады хъисау йæхи гæдыйыл ныффæрт ласта. Тугдзых фыдгæнæг уатмæ уæлгоммæ асхъиудта. Гæды нал фæзынд. Дыууæ зæрватыччы ахстоны фæмидæг сты. Иннæтæ афардæг сты…».
Дисы æфтауы авторы æвзаджы хъæздыгдзинад. Зæгъæм, архайд æвдисæг синонимтæ: «зилахар кæнынц», «асыффыт кæны», «сæхи цæвынц», «сæхи йыл баскъæрынц», «ныффæрт ласта», «сенчытæ кæнынц». Иннæ ахæм сæ удаист тахт æвдисæг синонимтæ: «сыффытт», «цъелф», «цъыввытт», «цъыллинг». Автор хæлæг кæны мæргъты æнгомдзинадмæ, æргом кæны йæ фæндиаг чиныгкæсæгæн: «Тæхуды, ирон адæм дæр сымах куы фæзмиккой! Тæхуды!..» [5,335ф.]
Зæрватыкк никæй хъыгдары, сырддонцъиутау хуртуанмæ нæ лæбуры, уæрццау хоры хуымы нæ хизы, йæхицæн къогъотæ æмæ бындзытæ ахсы. Икъаты Владимиры æмдзæвгæйы «Саби æмæ зæрватыччы ныхас» сабиты «дзиба» афтæ зæгъы: «Нæ уарзын, нæ барын!..Искæй хъыгдарын!»
Йæ хæрзтæ йын цыбыр, фæлæ рæстдзæвин æмæ мидисджын ныхæстæй нымайы Хетæгкаты Къоста:
Зæрватыкк— æнæхъыг,
Æнæмаст цæрæг!
Дæ зарæг— нæ дарæг,
Нæ уалдзæггæнæг!
Уæлдæр цы загъд æрцыд, уымæй ис ахæм хатдзæгтæ скæнæн:
— зæрватыччы æрдзон æууæлты бындурыл нывæфтыд æрцыдысты йæ фольклорон æмæ литературон æууæлтæ;
— ирон адæмæн зæрватыкк у уарзон æмæ тæхудиаг маргъ, амондхæссæг;
— уалдзæджы æрцыд баст у зæрватыччы æртахтимæ æмæ йæ «хъæлдзæг» зарæгимæ.
IIсæр. Зæрватыччы фæлгонц ирон фольклор æмæ аив литературæйы жанрты
2.1. Фыццаг таурæгътæ зæрватыччы тыххæй
Зæрватыччы тыххæй дзурынц фыццаг адæмты таурæгътæ. Æркæсæм таурæгъ «Арыг æмæ Мæгра»- мæ. Йæ сюжет хæстæг у библийаг Нойы таурæгъмæ. Ирон таурæгъы дæр Хуыцау сфæнд кодта адæмы сафын, сæ Хуыцауы кæй нæ зыдтой, кæй куыд фæндыди, афтæ кæй царди, уый тыххæй. Ауды ма æрмæст, рæстæй чи цæры, зæрдиагæй чи кувы, уыцы лæг æмæ усыл— Арыг æмæ Мæграйыл. Рарвыста сæм зæрватыччы ахæм ныстуанимæ:
«Уæхицæн чырын саразут; фос, хор æмæ маргъы мыггаг уæ цы хъæуы, уыдон дзы бакæнут…»[8,49ф.]. Зæрватыкк лæг æмæ усæн бамбарын кодта Хуыцауы æппæт фæдзæхстытæ.
Дон фæрахæсс- бахæсскодта чырын. Хъаймæты рæстæг ахицæн. Уæд Арыг æмæ Мæгра, зæхх кæм расур и, уый бæрæггæнæг «рарвыстой халоны, фæлæ уый кæмдæр холы хæрыныл фæци. Дыккаг хатт рауагътой цæргæсы. Уый дæр кæмдæр хæхты бæрзæндтыл разил- базил кодта, амæттаг агуырдта. Æртыккаг хатт рарвыстой зæрватыччы, æмæ уый ныхъхъæр кодта: «Зæхх! Зæхх! Зæхх! Ыссур ис зæхх!». Дарддæр нын таурæгъ æмбарын кæны, зæрватыкк адæмæн уарзон цæй фæдыл у, уыцы хабар: «Арыг æмæ Мæгра уымæн (зæрватыккæн) арфæ ракодтой æмæ йын радтой бар, цæмæй хæдзары ахстон кæна. Уæдæй фæстæмæ кæны ахстон зæрватыкк хæдзары».
Ацы таурæгъы бæлвырдæй зынынц зæрватыччы мифон æууæлтæ: зæрватыкк у Хуыцауы минæвар æмæ адæймагæн уацхæссæг.
Ахæм хъуыды ис Хъауыраты Дауыры æмдзæвгæ «Зæрватыкк» - ы дæр.
…Æмæ дæ нæртон лæгау курын æз дæр:
Фæхæсс мын мæ ныстуан Хуыцаумæ!
Кæмæн бафæдзæхсон дæуæй ма хуыздæр…
Æмдзæвгæйы лирикон герой уацхæссæгæй Хуыцау æмæ йæхи æхсæн æвзары зæрватыччы. Уымæй «хуыздæр» ын ничи бамбарын кæндзæн йæ ныстуан:
Уадз ме гасæй хъусон нæ фыдæлты взаг,
Мæрдты дæр куыд дзурой иронау!..
2.2. Зæрватыкк – нæртон адæмы уарзон маргъ
Зæрватыччы фæлгонц ноджы уæрæхдæр æмæ ирддæр у Нарты эпосы. Кадæг «Нартæ куыд фесæфтысты»- йы иу вариант æмбарын кæны зæрватыччы равзæрд. Нартæ Хуыцауæн сæ кувын ныууагътой рæстæгмæ. «Куынæуал æй хъуыды кодтой, уæд зæрватыччы сфæлдыста æмæ йæ рарвыста:
— Ныццу мын Нартæм æмæ мын сын зæгъ: «Цæуыл у уæ тæргай?» [10,329ф.]
Зæрватыкк ныллæууыд минæварæй Хуыцау æмæ Нарты æхсæн.
Кадæг «Нарты бæлас»-ы райдайæны ис дыууæ мифы. Фыццагон миф æвдисы Нарты сфæлдыст. Дыккаг миф нывæвтыд кæны донæй хъаймæт. Нарт фæстагмæ тынг схъал сты, æмæ сæ Уæллаг бынсæфт фæкодта, «æрмæст ма дзы баззад иу хуыцаууарзон пахуымпар йæ бинонтимæ æмæ алы фосы мыггагимæ». Фæлæ йын йæ науы бын мыст фæхуынкъ кодта, æмæ науы хуылфмæ дон хъарын байдыдта. Уæд фыдбылызы калм пахуымпарæй райста фыд хæрыны бар æмæ йæ дымæгæй сæхгæдта хуынкъ. Нау фервæзт. Калм бындзæн бахæс кодта, адджындæр кæй фыд у, уый базонын. Бындз ын равзæрста сывæллоны фыд.
Дарддæр сюжеты архайды бацæуы зæрватыкк. Уый базоны бындзы хабар æмæ йын зонды фæрцы йе’взаг йæ рæбыныл ратоны. Бындз дзурын нал зыдта, калм ын ницы бамбæрста йæ дыв-дывæй, фæлæ ма бындз цæмæйдæрты калмы сардыдта зæрватыккыл. «Калм ма бæргæ йæхи фехста зæрватыккыл, йæ буармæ йын нал бахæццæ, фæлæ ма йын фæхæст йæ къæдзилыл æмæ йын дзы фарк атыдта. Уæдæй фæстæмæ зæрватыккæн йæ къæдзил саджилæй баззади абоны онг дæр. Уæдæй фæстæмæ калм йæ маст нæ рох кæны æмæ фос æмæ адæмыл нæ ауæрды хæцыныл» [10,15ф.].
Миф куыд амоны, уымæ гæсгæ зæрватыкк у зондджын маргъ, сывæллæтты хæрзгæнæг – уый фæрцы калмы азар нæ бафтыд сывæллæттыл.
Ацы таурæгъы сюжетмæ хæстæг у Хъайтыхъты Азæмæты таурæгъ «Зæрватыкк». Автор йæ уацмысы кæрон фæдзæхсы: «…сабиты ирвæзынгæнæг, урсдæллагхъуыр, гыццыл зæрватыкк та абон дæр ма саджил дымæгæй ратæх – батæх кæны, фæлæ фæсмонгонд нæ фæци æмæ йæ сымах дæр, уæ хорзæхæй, макуы бахъыгдарут».
Зæрватыкк эпосы у «адæмы лымæн», «Хуыцауы уарзон», æнæзивæг цырд фæдисон: «авд къуыри æмæ авд бонмæ Нарты Сослан йæ мигъæмдзу бæхыл кæдæм фæхæццæ ис, уырдæм зæрватыкк Бонвæрноны скастмæ фæхæццæ ис» [11,115ф.]. Зæрватыкк зоны нæртон æмæ хатиаг æвзаг дæр. Кадæджы кæсæм: «хатиагау радзырдта», «мин æвзагæй ныууасыди».
Уый сæрибарæй тæхы æртæ дунейы дæр. Гом ын сты æрмæст Хуыцауы къæсæртæ нæ, фæлæ Барастыры дуæрттæ дæр. Таурæгъ «Созырыхъойы хъазт»-ы Созырыхъо у тыхгæнæг. Хъазты кæй амбулы, « уымæн æгъатырæй кæнæ йæ хъус ралыг кæны, кæнæ йын йæ цæст скъахы, кæнæ йын йæ рагъæй æртæ гæрзы рауадзы»[10,444ф.]. Кадджыты кæрæй-кæронмæ цæуы, уырнынадæй чи æвзæры, ахæм этикон хъуыды: «Уыцы рæстæджы-иу марды уæнгхъаджджынæй нæ ныгæдтой».
Иу мæгуыр лæгæн, «йæ бонты хуыздæртæ чи арвыста, ахæмæн», æрзылд йæ хъазты рад. Лæг тыхсы. Мæрдтæм йæ иунæг фыртмæ æрвиты, - фæсайынц æй халон æмæ дзывылдар. Зæрватыкк «атахти æмæ уыцыиу цæфæй бахæццæ Мæрдты бæстæм», радзырдта лæппуйæн йæ фыды катай: тæрсы, Созырыхъо йæ Мæрдтæм уæнгхъуагæй куы’рбарвита, уымæй æмæ агуры æххуыс. Лæппу рацыд хурон дунемæ, амбылдта Созырыхъойы, æмæ йæ зæронд фыд фервæзти æфхæрд æмæ худинагæй. Æнæзивæг уацхæссæгæй та ногæй ныллæууыд зæрватыкк.
Цымыдисаг у нырыккон литературон аргъау «Приключения Солнечной девочки Нартов»-ы сюжет. Ныффыста йæ Батырты Алыксандр. Аргъауы сæйраг архайæг у Хуры чызг – Нарты адæмæй. Хуыцæутты Хуыцауимæ куы стох кодтой нартæ, уæд фæхицæн Хуры чызг йе ‘фсымæрæй, æмæ дзæвгар рæстæджы фæстæ уæларвæй ралыгъд йæ агурæг. Фæндагыл ын æххуыс кæнынц сырдтæ, дауджытæ, Хуыцау, стæй зæрватыкк. Аргъауы кæрон Хуры чызг Мæрдты бæстæм куы ныххауд, уæд æрмæст зæрватыччы бон бацис йæ бабæрæг кæнын.
Фыссæг зæрватыччы хайджын кæны ног миниуæгæй: æрмæст Хуыцауы минæвар нæу, фæлæ ма у Хуыцаумæ минæвар сырдтæй. Иунæг Æфсатийы ныууагъта Хуыцау зæххыл, уымæн æмæ «…они [звери] послали к Богу всех Богов ласточку с просьбой вернуть меня на землю нартов, и он не смог им отказать. Ведь ласточка всегда служила его вестницей и считалась у нартов священной» [2,46ф.]. Уымæн æй хоны Æфсати дæр «моя любимица».
Эпос фæлхаты, зæрватыкк хорздзинад кæй нæ рох кæны, уыцы æууæл. Кадæг «Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта»-йы Сатанайæн Сосланмæ фæдисон – хабархæссæг нæ цæуынц хъæрццыгъа кæнæ халон. Зæрватыкк нæ рох кæны, нæртон æхсин ын йæ лæппынты гæдыйæ куыд бахызта, уыцы хорздзинад: «Кæд дæ мæ сæр истæмæн хъæуы? … Æз куыд ферох кæндзынæн, хорз Сатана, дæуæн дæ дзæбæхдзинæдтæ?» [11,114ф.]. Æмæ æххæст кæны Сатанайы фæндон.Цæмæй йыл Сослан баууæнда, уый тыххæй йын Сатана йæ хъуыры бафтыдта йæ къухдарæн – æвдисæн. Ныр дæр адæм дзурынц: «Зæрватыккæн йæ хъуыр урс дары Сосланы мады къухдарæны фæдæй».
Кадæг «Сосланы мæлæт»- ы дæр зæрватыкк хорздзинад хорзæй фиды.
Сосланæн (Созырыхъойæн) Балсæджы цалх йæ уæрджытæ куы ахауын кæны, уæд ын Нартмæ фæдис – хъæргæнæг æппæт мæргътæй æрмæст зæрватыкк разыны. Уый фæзæгъы геройæн: «Фæуыдзынæн дын æз фæдисхъæргæнæг: искуы – иу мыл къæвда куы ‘рцыди, уæд – иу мæ ды дæ роны бакодтай, бахъарм – иу мæ кодтай, стæй – иу мæ хордоны нывæрдтай, æмæ – иу уым мæхи бафсæстон. Дæ хорздзинæдтæ дын никуы ферох кæндзынæн æз». Нартæм уыди курдиат: цыди сæ арфæ дæр æмæ се’лгъыст дæр. Ацы маргъыл æрцыд Сосланы арфæ: «Адæмæн æнустæм уарзон у, зæрватыкк».
Хорздзинад нæ рох кæнызæрватыкк Нигеры уацмыс «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-ы дæр. Фыст у адæмон сфæлдыстады бындурыл. Фæлæ ма литературон уацмысы зæрватыкк сси раст тæрхоны символ: хæрзгæнæг (хъæддзау) хорз ары, фыдгæнæг (Гæдо) та – æфхæрд. Афтæ амоны адæмы гуманистон зондахаст.
Куыд уынæм, афтæмæй зæрватыччы фæлгонцы литературон æууæлтæ амад цæуынц йæ мифон æууæлтыл. Уымæ гæсгæ, æрцыдыстæм ахæм хатдзæгтæм:
—ирон таурæгъты, Нарты эпосы зæрватыкк у Хуыцауы минæвар, æнæзивæг фидиуæг; сæрибарæй тæхы æртæ дунейы дæр;
—зæрватыкк хорздзинад нæ рох кæны æмæ уымæ гæсгæ сси рæстдзинад æмæ бузныгады символ;
—мифон æууæлтæй уæлдай ма аив литературон уацмысты зæрватыкк сси Хуыцаумæ минæвар цæрæгойтæй æмæ раст тæрхоны символ.
Кæронбæттæн
Адæмы истори ис йæ мифологийы. Фольклоры ирдæй разынынц йæ миниуджытæ, йе ‘ууæлтæ æмæ кæнонтæ. Фенæм дзы нæ рагфыдæлты цард, зондахаст æмæ дунеæмбарынад. Бирæ æгъдæутты æмæ хъуыддæгты мидис дзы мах кæд фаг нал æмбарæм, уæддæр сæ нæ рох кæнæм, æххæст сæ кæнæм.
Нæ адæмон сфæлдыстад нын нæ разы бирæ фæрстытæ æвæры, дзуапп раттын зын кæмæн у, ахæмтæ. Хъæуы йæ биноныг ахуыр кæнын, цæмæй хуыздæр базонæм нæхи æмæ нæ истори.
Адæмон сфæлдыстады бирæ архайджытæ ис. Нæй дзы, цæст цæуыл не ‘рхæца, ахæм фæлгонцтæ. Уыдон сфæлдыста адæмы поэтикон курдиат.
Ирон адæмы уарзондæр маргъ у зæрватыкк. Арæх иу цæрæгой адæмты мифты хайджын вæййы уыцы иу æууæлтæй. Фæлæ зæрватыккæн алы бæстæты нæй, махмæ йын цы кад ис, уый.Ирон фольклоры маргъы мыггагæй æппæты стырдæр кад уымæн ис.
Нæ куысты мидæг мах фæлварæм бацамонын (Джыккайты Шамилы куысты бындурыл) зæрватыччы фæлгонцы мифон æмæ литературон æууæлтæ. Дзæвгар сты зæрватыччы æрдзон миниуджытæ дæр. Уыдоны æндæвдад тынгдæр зыны маргъы литературон фæлгонцыл.
Цæвиттон, ирон адæмæн зæрватыкк у зæды æмсæр æмæ табуйаг маргъ. Уый у уалдзæджы символ, бузныгады символ, раст тæрхоны символ. Уырнынадмæ гæсгæ зæрватыкк у фарны маргъ, амондхæссæг, æмæ йыл хъæуы аудын, хъæуы йæ хъахъхъæнын.
Библиографи
- Абаев В.И. Историко-этимологический словарь осетинского языка. Том IV. – Ленинград: Наука, 1989. – 325 с.
- Батыров А. Приключения Солнечной девочки нартов. – Владикавказ, 2007. – 72 с.
- Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ.— Дзæуджыхъæу: Ир,1991. – 640ф.
- Джыккайты Шамил. Арт æмæ æртхутæг: Радзырдтæ. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007. – 367ф.
- Джыккайты Шамил. Рагон ирон цард æмæ адæмы зондахаст. Миф. Фольклор. Æгъдау. – Дзæуджыхъæу, 2010. – 263ф.
- Животный мир Республики Северная Осетия – Алания. – Владикавказ, 2000. – 396с.
- Ирон æмбисæндтæ. – Орджоникидзе: Ир, 1976. – 351ф.
- Ирон таурæгътæ. – Орджоникидзе, 1989. – 498ф.
- Калоты Г. Джусойты Н. Литературæзонынады терминты цыбыр дзырдуат. – Орджоникидзе: Ир, 1971. – 163ф.
- Нæ хурты хуртæн. – Дзæуджыхъæу: Ир, 1990. – 240 ф.
- Нарты кадджытæ. – Орджоникидзе, 1973. – 368ф.
- Нарты кадджытæ. Iтом. – Дзæуджыхъæу: Ирыстон, 2003. – 590ф.
- Хъауыраты Дауыр. Цъиувæдис. – Дзæуджыхъæу: Ир,2003.
- Чибиров Л. А. Традиционная духовная культура осетин. – Владикавказ: Ир, 2008. – 599 с.